Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
«Ӕз дӕн иудей, райгуырдтӕн киликиаг Тарсы. Схъомыл дӕн ацы сахары, Гамалиилы къухы, бӕстон сахуыр кодтон нӕ фыдӕлты Ӕгъдау. Сымах уеппӕт дӕр абон Хуыцауыл куыд ӕнувыд стут, ӕз дӕр Ыл афтӕ ӕнувыд дӕн. Уӕд алчер Анани Павелы фарсмӕ лӕуджытӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын цӕвой йӕ былтӕ. Йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд кӕй скодтой, уый мын куы загътой, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй арвыстон дӕумӕ. Йӕ зылынгӕнджытӕн дӕр бафӕдзӕхстон сӕ хъаст дӕумӕ бахӕссын». «Дӕ зылынгӕнджытӕ дӕр куы ӕрцӕуой, уӕд дын ӕркӕсдзынӕн дӕ хъуыддагмӕ». Ӕмӕ радта Ироды галуаны йӕ ахстӕй дарыны бардзырд. Иерусалимы йӕм Павелыл хъаст кодтой алчертӕ ӕмӕ иудейаг хицӕуттӕ.
Выбор основного перевода