Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ууыл дис ма кӕнут. Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ ингӕнты чи ис, уыдон сеппӕт дӕр фехъусдзысты Йӕ хъӕлӕс, Ӕмӕ хӕрзгӕнджытӕ райгас уыдзысты цӕрынмӕ, фыдгӕнджытӕ та – ӕфхӕрд баййафынмӕ. Сӕ иутӕ саддукейтӕ, иннӕтӕ та фарисейтӕ кӕй сты, Павел уый куы базыдта, уӕд синедрионӕн хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Ме 'фсымӕртӕ, ӕз фарисей дӕн, фарисейы фырт. Ӕмӕ мын тӕрхон кӕнынц, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй». Ӕмӕ абон тӕрхоны раз лӕууын, Хуыцау нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕй мӕ ныфс кӕй ис, уый тыххӕй. Уыцы зӕрдӕвӕрд кӕй райсдзысты, уымӕй ныфс ис нӕ дыууадӕс мыггаджы, ӕмӕ бонӕй-ӕхсӕвӕй зӕрдиагӕй кусынц Хуыцауӕн. Уыцы зӕрдӕдарӕны тыххӕй, паддзах, мӕн аххосджын кӕнынц иудейтӕ. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ӕрбахуыдтон сымах – фенон уӕ ӕмӕ аныхас кӕнон уемӕ, уымӕн ӕмӕ ацы рӕхысӕй Израилы зӕрдӕдарӕны сӕраппонд баст дӕн».
Выбор основного перевода