Павел йӕхи раст кӕнынӕн загъта: «Ӕз иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодтон нӕдӕр иудейаг Ӕгъдауы ныхмӕ, нӕдӕр Кувӕндоны ныхмӕ, нӕдӕр кесӕры ныхмӕ».
Ӕртӕ боны фӕстӕ Павел ӕрхуыдта дзырддзӕугӕ иудейты. Куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын загъта: «Ӕфсымӕртӕ, нӕ адӕмы ныхмӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлты ӕгъдӕутты ныхмӕ ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон, фӕлӕ мӕ ӕрцахстой Иерусалимы ӕмӕ мӕ радтой ромӕгты къухтӕм.