Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Петр сын йӕ къухӕй бацамыдта, цӕмӕй банцайой, ӕмӕ сын радзырдта, Хицау ӕй ахӕстонӕй куыд ракодта, уый тыххӕй. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар фехъусын кӕнут Иаковӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн». Уый фӕстӕ рацыд уырдыгӕй ӕмӕ араст ӕндӕр ранмӕ. Павел сыстад ӕмӕ, къухӕй бацамонгӕйӕ, загъта: «Байхъусут, израилӕгтӕ, стӕй Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон дӕр! Иудейтӕ Александры рацӕуын кодтой размӕ; адӕмӕй йын чидӕртӕ хъуыддаг бамбарын кодтой. Александр йӕ къухӕй ацамыдта ӕмӕ хъавыди дзыллӕйы раз йӕхиуӕтты сраст кӕнынмӕ. Неппӕт дӕр ӕрхаудтам зӕххыл, ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дзуттагау мын чи дзырдта, ахӕм хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс? Зын дын у цыргъ хъилы ныхмӕ бырсын".
Выбор основного перевода