Баввахс стӕм Кипрмӕ ӕмӕ йӕ фӕуагътам галиуырдыгӕй. Нӕ ных сарӕзтам Сиримӕ, ӕмӕ бацыдыстӕм Тирмӕ. Ам хъуамӕ равдӕлон кодтаиккой нау.
Ам ссардтам ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ дзы баззадыстӕм авд боны. Уыдон, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй, дзырдтой Павелӕн, цӕмӕй Иерусалиммӕ ма ацӕуа.