Ныр адӕмӕй иутӕ иу хъӕр кодтой, иннӕтӕ та – ӕндӕр. Кӕрӕдзи нал ӕмбӕрстой, сӕ фылдӕр нӕ зыдтой, цӕй фӕдыл ӕрӕмбырд сты, уый.
Фидармӕ бацӕуӕны цур Павел ӕфсӕддон хицауӕн загъта: «Цыдӕр зӕгъыны бар мын дӕттыс?» Уый дзуапп радта: «Ды бердзенагау зоныс?
Кесӕрмӕ ацы лӕджы тыххӕй бӕлвырдӕй цы ныффыссон, ахӕмӕй мӕм ницы ис. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ӕрлӕууын кодтон уӕ разы, уӕлдайдӕр та дӕ разы, паддзах Агриппа, цӕмӕй хъуыддагмӕ ӕркӕсыны фӕстӕ зонон, цы ныффыссын хъӕуы, уый.