Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕдӕ уын куы зӕгъой: „Чырысти ӕдзӕрӕг ран ис", – ма ацӕут, кӕнӕ: „Мӕнӕ рӕбинаг уаты ис Уый", – ма уӕ бауырнӕд. Ӕрӕджы фӕзынд Февдӕ, йӕхицӕй цыдӕр арӕзта, ӕмӕ йемӕ баиу цыппарсӕдӕ адӕймаджы бӕрц. Фӕлӕ йӕ амардӕуыд, ӕмӕ йӕ фӕдыл чи цыди, уыдон иууылдӕр ныххӕлиу сты – ууыл ахицӕн хъуыддаг. Уый фӕстӕ, адӕмы сфысты рӕстӕг, фӕзынди галилейаг Иудӕ ӕмӕ йӕ фӕдыл асайдта дзӕвгар адӕм. Фӕлӕ йӕ амардтой, ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдон ныххӕлиу сты.
Выбор основного перевода