Уымӕ гӕсгӕ мӕ хъуыды у: муртаттӕй Хуыцаумӕ чи здӕхы, уыдоныл уӕлдай уаргъ ма ӕвӕрӕм.
Фӕлӕ сӕм ныффыссӕм, ӕмӕ сӕхи бахизӕнт, мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн ӕрхӕссынӕй цы фелгъаг, уый хӕрынӕй, хӕтынӕй, хӕдмӕл ӕмӕ туг хӕрынӕй [ӕмӕ сӕ сӕхицӕн цы нӕ фӕнды, уый ма кӕнӕнт иннӕтӕн].
Сыгъдӕг Уд ӕмӕ мах алыг кодтам сымахыл ӕндӕр уаргъ нал ӕвӕрын, мӕнӕ ацы ахсджиагдӕртӕй фӕстӕмӕ:
Мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕ, туг ӕмӕ хӕдмӕл хӕрынӕй, стӕй хӕтынӕй хи бахизын [ӕмӕ уӕ уӕхицӕн цы нӕ фӕнды, уый иннӕтӕн нӕ кӕнын]. Уыдӕттӕй уӕхи куы хизат, уӕд раст бакӕндзыстут. Хӕрзбон».