Ӕппӕт Иудейӕйы, Галилейы ӕмӕ Самарийы аргъуантӕ хъыгдард нал ӕййӕфтой, фидар кодтой, уыди сӕ Хуыцауы тас, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй ӕфтыд уырнджыты нымӕцыл.
«Ӕз дӕн иудей, райгуырдтӕн киликиаг Тарсы. Схъомыл дӕн ацы сахары, Гамалиилы къухы, бӕстон сахуыр кодтон нӕ фыдӕлты Ӕгъдау. Сымах уеппӕт дӕр абон Хуыцауыл куыд ӕнувыд стут, ӕз дӕр Ыл афтӕ ӕнувыд дӕн.