Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ сын загъта: «Сымах хорз зонут, иудейӕн кӕй нӕй муртатимӕ ӕмбӕлыны кӕнӕ йӕм хӕдзармӕ бацӕуыны бар. Фӕлӕ мын Хуыцау раргом кодта, ӕз иу адӕймаджы дӕр ӕлгъаг ӕмӕ чъизийыл куыд нӕ нымайон, афтӕ. Петр райдыдта дзурын: «Ӕцӕг базыдтон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, уый. Фӕлӕ Дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй куы уа, уӕддӕр Ын адджын у. Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй аргъуыд райсой Йесо Чырыстийы номыл. Уый фӕстӕ фысымтӕ ӕрхатыдысты Петрмӕ цалдӕр боны сӕм баззайыны тыххӕй. Сыгъдӕг Уд мын загъта, цӕмӕй ӕз ӕнӕ гуырысхойӕ ацӕуон семӕ. Мемӕ араст сты ацы ӕхсӕз ӕфсымӕры дӕр, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм Корнилийы хӕдзармӕ.
Выбор основного перевода