Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд сеппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой дзурын ӕндӕр ӕвзӕгтыл, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ. Петр уый куы дзырдта, уӕд ӕм чидӕриддӕр хъуыста, уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй. Ӕз дзурын куы райдыдтон, уӕд уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй, раздӕр Дзы мах куыд схайджын стӕм, афтӕ. Ныр Петры хъуыдытӕ уыдысты, цы федта, ууыл. Сыгъдӕг Уд ын загъта: «Ӕртӕ лӕджы дӕ агурынц дӕлӕ. Сыст, ӕрхиз ӕмӕ ацу семӕ ӕнӕ мисхал гуырысхойӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз рарвыстон». Фӕлӕ мӕм мӕ цард ницы кӕсы, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ, ӕмӕ мын Хицау Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый бакӕнынмӕ – Хуыцауы хорзӕхы уац адӕммӕ фӕхӕссынмӕ.
Выбор основного перевода