Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сеппӕты дӕр лӕвар раст кӕны Йесо Чырыстийы фӕрцы – Чырысти сын дӕтты сӕрибар. Фӕлӕ мах зонӕм, Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни, фӕлӕ ӕрмӕст Йесо Чырыстийыл ӕууӕндынӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах баууӕндыдыстӕм Йесо Чырыстийыл, цӕмӕй сраст уӕм Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны фӕрцы нӕ, фӕлӕ Чырыстийыл ӕууӕндынӕй. Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны фӕрцы Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни. Фӕлӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау мах афтӕ бирӕ бауарзта, Ӕмӕ мах, нӕ тӕригъӕдты аххосӕй мард адӕмы, райгас кодта Чырыстиимӕ – сымах фервӕзтыстут Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы. Хуыцау нӕ райгас кодта Йесо Чырыстиимӕ ӕмӕ нӕ уӕлӕрвты сбадын кодта Йемӕ, Цӕмӕй фидӕны ӕнусты равдиса, куыд ӕгӕрон сты Йӕ хорзӕх ӕмӕ, Йесо Чырыстийы руаджы махмӕ кӕй равдыста, Йӕ уыцы уарзт. Хуыцауы хорзӕх сымах фервӕзын кодта уӕ уырнындзинады фӕрцы. Уӕхӕдӕг ницӕмӕй фесгуыхтыстут – уый уын Хуыцауы лӕвар у; Уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ фервӕзтыстут, ӕмӕ йӕхицӕй мачи раппӕлӕд. Мах Хуыцауы сконд стӕм, Йесо Чырыстийы фӕрцы нӕ сфӕлдыстӕуыди, Хуыцау нын рагацау кӕй снысан кодта, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ. Ӕппӕт адӕмы фервӕзынӕн раргом Хуыцауы хорзӕх, Фӕлӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау хӕрзаудӕнгӕнӕг ӕмӕ адӕмуарзон кӕй у, уый куы раргом, Уӕд нӕ фервӕзын кодта, хорз хъуыддӕгтӕ нӕм цыма уыди, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ – ӕхсад ӕрцыдыстӕм ног цард дӕттӕг донӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Уды фӕрцы систӕм ног адӕм.
Выбор основного перевода