Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ цард кӕм ис, ома, туг, ахӕм фыд ма хӕрут. Мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕ, туг ӕмӕ хӕдмӕл хӕрынӕй, стӕй хӕтынӕй хи бахизын [ӕмӕ уӕ уӕхицӕн цы нӕ фӕнды, уый иннӕтӕн нӕ кӕнын]. Уыдӕттӕй уӕхи куы хизат, уӕд раст бакӕндзыстут. Хӕрзбон». Фӕлӕ алкӕмӕ фаг зонынад нӕй: иуӕй-иутӕ мӕнгхуыцӕуттыл афтӕ сахуыр сты, ӕмӕ уыдонӕн хаст нывондтӕй куы фӕхӕрынц, уӕд ӕй абон дӕр ма нымайынц мӕнгхуыцӕуттӕн табуйыл. Цы ӕмбӕлы ӕмӕ цы не 'мбӕлы, уый раиртасынхъом кӕй не сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ цӕсгом фӕчъизи вӕййы. Хойраг мах Хуыцаумӕ нӕ хӕстӕг кӕны: куы нӕ хӕрӕм, уӕд дӕр нӕ ницы сӕфы; куы хӕрӕм, уӕд дӕр ныл ницы ӕфты. Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ уыцы бартӕ лӕмӕгъ уырнджыты ма фӕрӕдийын кӕной. Дӕумӕ ис зонынад, ӕмӕ дӕ исчи муртатты кувӕндоны фынгыл бадгӕ куы фена, уӕд йӕхӕдӕг лӕмӕгъ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын йе 'фсарм мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕй хӕрыны бар нӕ ратдзӕн, ӕви? Ӕмӕ дӕ зонынадӕй бабын уыдзӕни лӕмӕгъ – Чырысти кӕй сӕраппонд амард, дӕ уыцы ӕфсымӕр. Афтӕмӕй сымах цӕут уӕ лӕмӕгъ ӕфсымӕрты тӕригъӕды, ардаут сӕ, се 'фсарм сын тӕрхон цӕй тыххӕй кӕны, уыдӕттӕ аразыныл. Ӕмӕ уымӕй цӕут Чырыстийы хъыджы. Уӕдӕ кӕд хойраг тӕригъӕды ӕфтауы ме 'фсымӕры, уӕд мыггагмӕ дӕр дзидзайы хъӕстӕ мӕхи нал фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтауон ме 'фсымӕры. Ма ут мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, уыдонӕй сын бирӕтӕ куыд куывтой, афтӕ; Сыгъдӕг Фыст уыдоны тыххӕй зӕгъы: «Адӕм ӕрбадтысты хӕрд ӕмӕ нозтыл, стӕй сыстадысты ӕмӕ сын бацайдагъ хъазт». Ма хӕтӕм, уыдонӕй бирӕтӕ хӕтыныл куыд бафтыдысты, афтӕ; уый тыххӕй дзы иу бонмӕ фӕмард ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз мины. Фӕлӕ дӕ уӕддӕр иуцасдӕр азымджыныл нымайын, уымӕн ӕмӕ уӕм ис, Валаамы ахуырадыл хӕст чи у, ахӕмтӕ; Валаам та сахуыр кодта Валакы, ӕмӕ уый Израилы адӕмы сардыдта мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕ хӕрыныл ӕмӕ хӕтыныл. Фӕлӕ дӕ уӕддӕр азымджыныл нымайын: йӕхи пехуымпар чи хоны, уыцы сылгоймаг Иезавелӕн дӕттыс йӕ ахуырадӕй Мӕ цагъарты фӕливыны фадат – ардауы сӕ хӕтыныл ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕй хӕрыныл.
Выбор основного перевода