Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрӕмбырд кодтой аргъуаны уӕнгты ӕмӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы цыдӕриддӕр сарӕзта, муртаттӕн уырнындзинады дуар куыд байгом кодта, уый тыххӕй. Афтӕ кӕй загъта, нал мӕ фендзыстут, зӕгъгӕ, уӕлдай хъыг та сын уый уыди. Уый фӕстӕ йӕ афӕндараст кодтой наумӕ. Ӕмӕ Испанимӕ куы цӕуон, уӕд мӕ ныфс ис мӕ фӕндагыл сымах фенынӕй, иуцасдӕр уӕ фендӕй бафсӕдынӕй, стӕй мӕ фӕндагмӕ кӕй срӕвдз кӕндзыстут, уымӕй. Ӕз уӕм, чи зоны, афӕстиат уон, чи зоны, зымӕг дӕр сымахмӕ арвитон, ӕмӕ мӕ сымах срӕвдз кӕндзыстут, кӕдӕм цӕуон, уырдӕм. Ӕмӕ йыл ӕнӕрвӕссон мачи уӕд. Ифтонгӕй йӕ афӕндараст кӕнут фарнимӕ, цӕмӕй ӕрцӕуа мӕнмӕ – иннӕ ӕфсымӕртимӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын.
Выбор основного перевода