Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Афтӕ ПадданАрамӕй ӕрбаздӕхыны фӕстӕ Иаков дзӕбӕхӕй бахӕццӕ ханаанаг зӕхмӕ, Сихемы сахармӕ, ӕмӕ ӕрцард йӕ фарсмӕ. Уый фӕстӕ ацыдысты Вефилӕй. Ӕмӕ сӕ Ефрафӕмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд Рахилӕн ӕрцыд йӕ арыны афон; фӕлӕ уыди зынӕвгъӕд. Аргӕарын куы хъизӕмар кодта, уӕд ын ӕвгъӕдгӕс сылгоймаг загъта: «Ма тӕрс – ай дӕр дын лӕппу у». Рахил йӕ уд куы иста – уымӕн ӕмӕ мӕлгӕ кодта, уӕд йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном Бенони. Фӕлӕ йыл йӕ фыд сӕвӕрдта ном – Вениамин. Рахил амард ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Ефрафӕмӕ (Вифлееммӕ) фӕндагыл. Иаков ын йӕ ингӕныл сӕвӕрдта цырт. Уыцы цырт Рахилы ингӕныл ис суанг абон дӕр.
Выбор основного перевода