Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уыцы зӕххыл ӕрцӕр рӕстӕгмӕ. Ӕз уыдзынӕн демӕ, Мӕ арфӕ дыл бафтаудзынӕн. Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цӕй тыххӕй расомы кодтон, уый: ӕппӕт ацы зӕххытӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн. Ӕз демӕ дӕн; кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – бахиздзынӕн дӕ. Фӕстӕмӕ дӕ ӕрхондзынӕн ацы зӕхмӕ. Ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, цалынмӕ уый сӕххӕст кӕнон, уӕдмӕ». Ӕз Мысырмӕ ацӕудзынӕн демӕ; Ӕз дӕ ракӕндзынӕн фӕстӕмӕ дӕр. Иосиф йӕхи къухӕй ӕрӕхгӕндзӕни дӕ цӕстытӕ». Иухатт Иосиф йе 'фсымӕртӕн загъта: «Ӕз мӕлын; фӕлӕ уӕм Хуыцау ӕнӕмӕнг ӕркӕсдзӕн ӕмӕ уӕ ацы зӕххӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Иаковӕн цы зӕхх раттынӕй сомы кодта, уырдӕм».
Выбор основного перевода