Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Дӕ байзӕддӕгтӕ зӕххон змисау уыдзысты бирӕ; ахӕлиу уыдзысты ныгуылӕн ӕмӕ скӕсӕнмӕ, цӕгат ӕмӕ хуссармӕ. Дӕ фӕрцы ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ. Ӕз демӕ дӕн; кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – бахиздзынӕн дӕ. Фӕстӕмӕ дӕ ӕрхондзынӕн ацы зӕхмӕ. Ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, цалынмӕ уый сӕххӕст кӕнон, уӕдмӕ». Хуыцауы зӕд мын фыны загъта: „Иаков“. Ӕз дзуапп радтон: „Мӕнӕ дӕн“. Цыртдзӕвӕныл зети кӕм ныккодтай ӕмӕ Мын дзырд кӕм радтай Вефилы, Ӕз уыцы Хуыцау дӕн. Ныр марадз, ныууадз ацы зӕхх ӕмӕ аздӕх дӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ“. Фӕлӕ арамейаг Лаванмӕ уыцы ӕхсӕв фыны ӕрцыди Хуыцау ӕмӕ йын загъта: «Дӕхи бахиз, Иаковӕн хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр мацы зӕгъ». Хуыцау загъта: «Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ фыды Хуыцау. Мысырмӕ ацӕуынӕй ма тӕрс. Уым Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн разагъды адӕм.
Выбор основного перевода