Уый фӕстӕ Авраам къӕдор, ӕхсыр ӕмӕ роды фыд ӕрӕвӕрдта фынгыл; цалынмӕ хордтой, уӕдмӕ Авраам бӕласы бын лӕууыди сӕ уӕлхъус.
Хуыцау ын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн! Цот уадз ӕмӕ сбирӕ у. Адӕм ӕмӕ бирӕ адӕмтӕ, стӕй паддзӕхтӕ рацӕудзӕни дӕуӕй.
Авраам ӕмӕ Исаакӕн цы зӕхх радтон, уый дӕуӕн дӕттын, дӕ фӕстӕ та – дӕ байзӕддӕгтӕн».