Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Асиныл лӕууы Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ дзуры: «Ӕз дӕн Дунедарӕг, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Ды цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн. Ӕз демӕ дӕн; кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – бахиздзынӕн дӕ. Фӕстӕмӕ дӕ ӕрхондзынӕн ацы зӕхмӕ. Ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, цалынмӕ уый сӕххӕст кӕнон, уӕдмӕ». Хуыцау загъта Иаковӕн: «Аздӕх дӕ фыдӕлты зӕхмӕ ӕмӕ хиуӕттӕм. Ӕз демӕ уыдзынӕн». Цыртдзӕвӕныл зети кӕм ныккодтай ӕмӕ Мын дзырд кӕм радтай Вефилы, Ӕз уыцы Хуыцау дӕн. Ныр марадз, ныууадз ацы зӕхх ӕмӕ аздӕх дӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ“. Мӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, ӕмӕ Исаак Кӕмӕй тарст, уыцы Хуыцау мемӕ куы нӕ уыдаид, уӕд мӕ ныртӕккӕ арвыстаис афтидармӕй. Фӕлӕ Хуыцау федта мӕ зынтӕ, мӕ къухты фыдӕбон, ӕмӕ дысон рахӕцыди мӕ сӕрыл».
Выбор основного перевода