Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Асиныл лӕууы Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ дзуры: «Ӕз дӕн Дунедарӕг, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Ды цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн. Дӕ байзӕддӕгтӕ зӕххон змисау уыдзысты бирӕ; ахӕлиу уыдзысты ныгуылӕн ӕмӕ скӕсӕнмӕ, цӕгат ӕмӕ хуссармӕ. Дӕ фӕрцы ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ. Ӕз демӕ дӕн; кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – бахиздзынӕн дӕ. Фӕстӕмӕ дӕ ӕрхондзынӕн ацы зӕхмӕ. Ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, цалынмӕ уый сӕххӕст кӕнон, уӕдмӕ».
Выбор основного перевода