Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Исаакы фыд Авраам удӕгас куы уыди, уӕд йӕ цагъартӕ цы цъайтӕ скъахтой, уыдоны иууылдӕр филистимӕгтӕ байдзаг кодтой сыджытӕй. Ӕмӕ Авимелех загъта Исаакӕн: «Ацу ардыгӕй, уымӕн ӕмӕ махӕй дзӕвгар стыхджындӕр дӕ». Уӕд Исаак ацыд уырдыгӕй, йӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдта Герары дӕлвӕзы ӕмӕ ӕрцард уым. Исаак ногӕй скъахта, йӕ фыд Авраамы заманы цы цъайтӕ скъахтӕуыд ӕмӕ Авраамы мӕлӕты фӕстӕ филистимӕгтӕ сыджытӕй кӕй байдзаг кодтой, уыдоны; ӕмӕ сын ногӕй радта, йӕ фыд сын кӕддӕр кӕй радта, уыцы нӕмттӕ. Исаакы цагъартӕ къахтой дӕлвӕзы, ӕмӕ дзы ссардтой цъай суадоны донимӕ. Фӕлӕ Герары фыййӕуттӕ сбыцӕу сты Исаакы фыййӕуттимӕ ӕмӕ дзырдтой: «Уый нӕ дон у». Исаак уыцы цъай схуыдта Есек, уымӕн ӕмӕ уыцы цъайы тыххӕй сбыцӕу сты йемӕ. Скъахтой ӕндӕр цъай, ӕмӕ уый тыххӕй дӕр рауади быцӕу; уымӕ гӕсгӕ йӕ Исаак схуыдта Ситна. Исаак ацыд уырдыгӕй, скъахта ӕндӕр цъай, ӕмӕ сӕм уый тыххӕй быцӕу нал рауад; ӕмӕ йӕ Исаак схуыдта Реховоф; Исаак загъта: «Хуыцау нын радта парахат бынат, ӕмӕ мах сбирӕ уыдзыстӕм ацы зӕххыл».
Выбор основного перевода