Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз ыл арфӕ бафтаудзынӕн, ӕмӕ дын уымӕй ратдзынӕн фырт; Ӕз ыл арфӕ бафтаудзынӕн, ӕмӕ дзы рацӕудзысты адӕмтӕ, рацӕудзысты дзы адӕмты паддзӕхтӕ». Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: «Дӕ ус Саррӕ дын ныййардзӕни фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдзынӕ ном Исаак; Ӕз Исаакимӕ, йӕ фӕстӕ та йӕ байзӕддагимӕ, сараздзынӕн ӕнусон фидыд. Фӕлӕ дын Саррӕ инназ, тӕккӕ ацафон, кӕй ныййара, уыимӕ – Исаакимӕ – сараздзынӕн Мӕ фидыд». Хуыцау загъта: «Ӕз та дӕм ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзынӕн инназ ацафон, ӕмӕ дӕ ус Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу». Саррӕ та цатырмӕ бахизӕны лӕууыд Йӕ фӕстӕ, ӕмӕ сӕм хъуыста. Фӕлӕ цагъар сылгоймагӕй чи райгуырди, уый ӕрдзон ӕгъдауӕй райгуырди, сӕрибар сылгоймагӕй чи райгуырди, уый та – Хуыцауы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.
Выбор основного перевода