Уыцы зӕххыл ногӕй скодта, Авраамы заман чи уыдис, уымӕй ноджы стонгдӕр рӕстӕг; ӕмӕ Исаак ацыди Герармӕ, филистимаг паддзах Авимелехмӕ.
Уырдӕм ӕм Герарӕй ӕрцыд Авимелех йӕ уынаффӕгӕнӕг Ахузафимӕ ӕмӕ йе 'фсады хицау Фихолимӕ.
Уыдон дзуапп радтой: «Хуыцау демӕ кӕй ис, уый мах бӕлвырд федтам, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загътам: „Нӕ дыууӕты ӕхсӕн хъуамӕ уа сомыйӕ фидаргонд цӕдис.