Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Измаил адӕмы ӕхсӕн уыдзӕни хъӕддаг хӕрӕгау; тох кӕндзӕни алкӕимӕ дӕр, ӕмӕ алчидӕр тох кӕндзӕн йемӕ; йе 'фсымӕртимӕ нӕ фидаудзӕн». Ӕз демӕ дӕн; кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – бахиздзынӕн дӕ. Фӕстӕмӕ дӕ ӕрхондзынӕн ацы зӕхмӕ. Ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, цалынмӕ уый сӕххӕст кӕнон, уӕдмӕ». Хуыцау уыдис Иосифимӕ; ӕмӕ Иосиф йӕ мысыраг хицауы хӕдзары уыд ӕнтыстджын йӕ алы хъуыддаджы дӕр. Йӕ хицау федта, Хуыцау кӕй ис Иосифимӕ – цавӕрфӕнды хъуыддагмӕ ма бавнала, Хуыцау ын дӕтты ӕнтыст. Фӕлӕ ам дӕр Хуыцау уыдис Иосифимӕ, ӕмӕ йӕм равдыста Йӕ хорзӕх – ахӕстоны хицау ӕм ракаст дзӕбӕх цӕстӕй.
Выбор основного перевода