Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фарра ныууагъта Халдейаг Ур, уырдыгӕй йемӕ ракодта йӕ фырт Аврамы, Араны фырт Лоты – йӕ фырты фырты, йӕ чындз Сарӕйы – Аврамы усы, цӕмӕй фӕцӕуой Ханааны зӕхмӕ; фӕлӕ Харранмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрцардысты. Хуыцау загъта Аврамӕн: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хӕстӕджыты, дӕ фыды хӕдзар ӕмӕ ацу, Ӕз дын цы зӕхх бацамондзынӕн, уырдӕм. Цы зӕхх уыныс, уый Ӕз ӕгасӕй дӕр мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. Цӕугӕ, ӕрзил ацы зӕххыл дӕргъмӕ ӕмӕ уӕрхмӕ; уымӕн ӕмӕ йӕ Ӕз дӕуӕн дӕттын».
Выбор основного перевода