Уӕдӕ израилаг адӕмӕн зӕгъ: „Ӕз Дунедарӕг дӕн! Мӕ стыр хъаруйӕ ӕгъатырӕй бафхӕрдзынӕн мысырӕгты, ӕмӕ уӕ фервӕзын кӕндзынӕн – уӕ бӕрзӕйӕ уын сисдзынӕн мысырӕгты ӕфсондз.
Дунедарӕджы фӕндӕй мысырӕгтӕ Йӕ адӕммӕ ракастысты хорз цӕстӕй: лӕвӕрдтой сын, цы сӕ куырдтой, уый, ӕмӕ афтӕмӕй израилӕгтӕ бастыгътой мысырӕгты.
„Фӕлӕ Ӕз бафхӕрыны тӕрхон рахӕсдзынӕн, цагъары ӕфсондзы сӕ чи сифтындза, уыцы адӕмӕн, – загъта Хуыцау, – уый фӕстӕ рацӕудзысты ӕмӕ Мын кувдзысты ацы ран".