Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау фӕзынд Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Кӕм ӕм фӕзынд, уым Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Цы зӕхх уыныс, уый Ӕз ӕгасӕй дӕр мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. Мӕ фыды хӕдзарӕй ӕмӕ мӕ райгуырӕн зӕххӕй мӕн Чи ракодта, мемӕ Чи дзырдта ӕмӕ мын афтӕ Чи расомы кодта: „Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн“, уыцы Дунедарӕг, уӕлӕрвты Хуыцау, дӕ разӕй арвитдзӕн Йӕ зӕды, ӕмӕ ды уырдыгӕй ӕркӕндзынӕ ус мӕ фыртӕн. Уӕ арӕнтӕ уыдзысты Сырх денджызӕй Зӕххастӕу денджызмӕ ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Ефратмӕ; Мӕ руаджы фӕуӕлахиз уыдзыстут ацы зӕххыл цӕрджытыл, ӕмӕ сӕ фӕтӕрдзыстут.
Выбор основного перевода