Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ израилӕгтӕн сӕргъы сӕвӕрдтой хицӕуттӕ; уыдон сӕ ӕфтыдтой тӕккӕ уӕззаудӕр куыстытыл, хъизӕмарӕй сӕ мардтой. Ӕмӕ хор ӕфснайынӕн израилӕгтӕ фараонӕн сарӕзтой Пифомы ӕмӕ Раамсесы сахартӕ. Фӕлӕ сӕ цас тынгдӕр ӕфхӕрдтой, уыйас фылдӕр ӕфтыд сӕ нымӕцыл, уыйас парахатдӕр хӕлиу кодтой зӕххыл, ӕмӕ израилаг адӕм мысырӕгтӕн фестадысты уӕнгӕл. Израилаг адӕм Мысыры ӕдӕппӕт фӕцардысты цыппарсӕдӕ ӕртын азы. Хуыцау ын загъта: „Дӕ байзӕддӕгтӕ цыппарсӕдӕ азы кӕйдӕр зӕххыл уыдзысты ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ цагъартӕ, ӕмӕ сӕ ссӕнддзысты".
Выбор основного перевода