Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн – ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй». Ӕмӕ ныййардта Йӕ Фыццаг Фырты, батыхта Йӕ хӕцъилты ӕмӕ Йӕ нывӕрдта кӕвдӕсы, уымӕн ӕмӕ сын фысымуаты бынат нӕ разынд. Ӕмӕ Йӕ ӕгӕрон хъӕздыгдзинадӕй мах райстам хорзӕх хорзӕхы фӕдыл. Фӕлӕ Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сеппӕты дӕр лӕвар раст кӕны Йесо Чырыстийы фӕрцы – Чырысти сын дӕтты сӕрибар. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ. Чырысти нӕ тӕригъӕдты тыххӕй Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна ацы мӕнгард дунейӕ – афтӕ бафӕндыди нӕ Фыд Хуыцауы. Кад Ын уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен. Дисы мӕ ӕфтауы, Чырыстийы хорзӕхы фӕрцы уӕ Йӕхимӕ Ӕрхонӕгӕй ӕндӕр фарны уацмӕ уе 'ргом куыд тагъд здахын райдыдтат, уый. Уый ӕндӕр фарны уац нӕу, ӕрмӕст ис, уӕ зонд уын чи змӕнты ӕмӕ Чырыстийы фарны уац сзыгъуыммӕ кӕнын кӕй фӕнды, ахӕмтӕ. Фӕлӕ уын суанг мах, кӕнӕ зӕд уӕларвӕй куы хъусын кӕна, мах уын кӕй нӕ хъусын кодтам, ахӕм фарны уац, уӕд ӕлгъыст фӕуӕд йӕ хъусынгӕнӕг. Раздӕр цы дзырдтам, уый зӕгъын ныр дӕр: махӕй цы фарны уац фехъуыстат, уымӕй фӕстӕмӕ уын ӕндӕр фарны уац чи хъусын кӕны, уый ӕлгъыст фӕуӕд. Ӕз абон адӕмы хорзӕхмӕ тырнын ӕви Хуыцауы? Мыййаг, адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл архайын? Абон дӕр ма ӕз адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл куы архаин, уӕд Чырыстийы цагъар нӕ уаин. Зонут ӕй, ме 'фсымӕртӕ: ӕз цы фарны уац фехъусын кодтон, уый адӕймагӕй нӕ рацыд. Ӕз ӕй адӕймагӕй нӕ фехъуыстон, адӕймаг мын ӕй нӕ бацамыдта, фӕлӕ мын ӕй Йесо Чырысти раргом кодта. Ӕз иудейаг диныл хӕст куы уыдтӕн, уӕд цы уагӕй цардтӕн, Хуыцауы Аргъуан ӕгъатырӕй куыд ӕфхӕрдтон ӕмӕ йӕ фесафыныл куыд архайдтон, уый тыххӕй сымах фехъуыстат. Иудейаг диныл мӕхи хъарынӕй ӕз мӕ бирӕ дзуттаг ӕмгӕрттӕн фӕдӕн сӕ разӕй, ӕгӕр ӕнувыдӕй ӕххӕст кодтон мӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ. Фӕлӕ ма мады гуыбыны куы уыдтӕн, уӕд мӕ Чи сӕвзӕрста, стӕй мӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ Чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцауы куы бафӕндыд
Выбор основного перевода