Йесо басидт Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын, ацы мӕгуыр идӕдз ус, ӕппӕт адӕм цас нывӕрдтой, уымӕй фылдӕр нывӕрдта хӕзнадоны.
Иннӕтӕ иууылдӕр сӕ исбоны уӕлдайӕ нывӕрдтой; ацы мӕгуыр сылгоймаг та нывӕрдта, цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уый, йӕ хойраджы аргъ».
Йесо загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын, ацы мӕгуыр идӕдз ус сеппӕтӕй дӕр фылдӕр нывӕрдта.
Иннӕтӕ иууылдӕр хӕзнадоны сӕ исбоны уӕлдайӕ нывӕрдтой; ацы мӕгуыр сылгоймаг та нывӕрдта, цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уый, йӕ хойраджы аргъ».