Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Саламтӕ раттут мӕ хӕстӕджытӕ Андроник ӕмӕ Юнийӕн. Уыдон ахӕстоны уыдысты мемӕ, апостолты ӕхсӕн сты зындгонд, Чырыстийыл баууӕндыдысты мӕнӕй раздӕр. Ӕмӕ нӕ уымӕй барӕвдыдтат. Мах кӕй барӕвдыдтат, уымӕй фылдӕр та Титы циныл райӕм – сымах ын уеппӕт дӕр фестут удӕнцойы хос. Ӕз ӕрхатыдтӕн Титмӕ сымахмӕ ацӕуыны тыххӕй, ӕмӕ ма йын ӕфсымӕртӕй иуы арвыстон йемӕ. Тит уӕ исты райста? Мах Титимӕ ӕмзӕрдӕ нӕ уыдыстӕм, иу фӕндагыл нӕ цыдыстӕм, мыййаг? Ӕз ӕнӕмӕнг бакӕнинагыл нымайын, мӕ хъуӕгты мын ӕххуысмӕ кӕй ӕрбарвыстат, мӕ уыцы ӕфсымӕр, ӕмкусӕг ӕмӕ ӕмтохгӕнӕг Эпафродиты сымахмӕ арвитын.
Выбор основного перевода