Иннӕтӕ иууылдӕр сӕ исбоны уӕлдайӕ нывӕрдтой; ацы мӕгуыр сылгоймаг та нывӕрдта, цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уый, йӕ хойраджы аргъ».
Ныфсдӕттӕг чи у – ныфс ӕвӕрӕд; исты дӕттыс – дӕтт сыгъдӕг зӕрдӕйӕ; хистӕр чи у – хистӕриуӕг кӕнӕд ӕнувыдӕй; хӕрзгӕнӕг чи у – хорз кӕнӕд зӕрдӕрухсӕй.
Алцӕмӕй дӕр афтӕ схъӕздыг уыдзыстут, ӕмӕ уӕ бон уыдзӕни кӕддӕриддӕр рӕдауӕй баххуыс кӕнын. Уӕд бирӕтӕ арфӕ кӕндзысты Хуыцауӕн, нӕ къухӕй кӕй айсой, уӕ уыцы ӕххуысы тыххӕй.