Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Ӕниу ӕй бардзырды хуызы нӕ зӕгъын, фӕлӕ уын ахӕм бар ис. Йӕ цӕст цас уарзы, алчидӕр уыйбӕрц хъуамӕ ратта ӕнӕбустӕйӕ ӕмӕ барвӕндонӕй, уымӕн ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй чи дӕтты, Хуыцау уыцы адӕймаджы уарзы. Уымӕ гӕсгӕ, дӕуӕн цы саразын ӕмбӕлы, кӕд мӕм Чырыстийӕ уыцы бардзырд раттыны бар ис, Уӕддӕр дӕ уарзондзинады сӕраппонд хуыздӕрыл нымайын дӕумӕ ӕрхатын. Ӕз, зӕронд Павел, ныр та ма Йесо Чырыстийы сӕраппонд ахст лӕг дӕр, Фӕлӕ мӕ де 'вастӕй ницы бакӕнын бафӕндыди, цӕмӕй дӕ уыцы хорз хъуыддаг ӕнӕбары ма рауайа, фӕлӕ барвӕндонӕй. Зӕххон цардӕн алцыдӕр фаг кӕмӕ ис, уый йе 'фсымӕры хъуӕгтӕ куы уына, фӕлӕ йӕхи нӕуынӕг куы скӕна, уӕд йӕ зӕрдӕйы Хуыцауы уарзондзинад куыд цӕрдзӕн? Мӕ хъӕбултӕ, уӕдӕ кӕрӕдзи уарзӕм дзыхы ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ нӕ уарзт зӕрдиаг кӕй у, уый равдисӕм хъуыддагӕй.
Выбор основного перевода