Ӕмӕ Павел уыцы ӕхсӕв йӕ цӕстылуайӕны федта: йӕ разы ӕрлӕууыд иу македониаг лӕг ӕмӕ йӕм хатыд: «Ӕрцу Македонимӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕн».
Уымӕн ӕмӕ Македонийы ӕмӕ Ахайы уырнджыты бафӕндыд, Иерусалимы сыгъдӕджытӕй мӕгуыр чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнын.
Ӕниу, сыгъдӕджытӕн ӕххуысы тыххӕй сымахмӕ мӕн фыссын дӕр нӕ хъӕуы.
Уымӕн ӕмӕ уӕ зӕрдиагӕй баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, уый мӕнӕн зындгонд у ӕмӕ мӕхицӕй ӕппӕлын македониӕгтӕн, Ахайы уырнджытӕ суанг ивгъуыд азӕй ӕххуысмӕ цӕттӕ сты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сымах ӕнувыд кӕй стут, уый бирӕты сразӕнгард кодта.