Уӕд Йӕ галиу фарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.
Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты мыггагмӕ удхар кӕнынмӕ, рӕстытӕ та – мыггагмӕйы цардмӕ».
Уыдонӕн сӕ кӕрон – бынсӕфт, сӕ хуыцау – сӕ гуыбын, худинаг сӕм цы хъуамӕ кӕсид, уымӕй сты сӕрыстыр. Сӕ мӕт у зӕххон цардыл.
Уӕд ныхмӕлӕууӕг раргом уыдзӕн, ӕмӕ йӕ Хицау Йесо амардзӕн Йӕ комытӕфӕй, бынсӕфт ӕй фӕкӕндзӕн Йӕ намысджын ӕрцыдӕй.