Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Фессалоникийцам
1 2 3
Параллельные места
Уӕларвӕй ӕргомгонд цӕуы: Хуыцауы ӕцӕгад фыдӕхӕй ссӕндӕг адӕм сӕ ӕнӕхуыцау миты ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй баййафдзысты Хуыцауы азар. Хуыцауы тыххӕй цы базонӕн ис, уый сын ӕргом у, уымӕн ӕмӕ сын ӕй Хуыцау раргом кодта. Раздӕр та, Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд уыдыстут, ӕцӕгӕй Хуыцау чи нӕу, уыцы хуыцӕутты цагъартӕ. Уымӕ гӕсгӕ уӕ ӕрхуыдта Хуыцау, махӕй цы фарны уац фехъуыстат, уый руаджы – нӕ Хицау Йесо Чырыстийы намысӕй хай райсынмӕ. Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау у ӕппӕт ныхъуырӕг арт. Уымӕн ӕмӕ ралӕууыд тӕрхонӕн Хуыцауы хӕдзарӕй райдайыны рӕстӕг. Ӕмӕ кӕд тӕрхон махӕй райдайдзӕн, уӕд Хуыцауы фарны уацӕн чи нӕ сӕтты, уыдонӕн та цӕуыл ахицӕн уыдзӕн? Ӕз федтон сырды ӕмӕ зӕххон паддзӕхты се 'фсӕдтимӕ. Уыдон ӕрӕмбырд сты Барӕгимӕ ӕмӕ Йе 'фсадимӕ хӕст самайынмӕ. Ӕмӕ ӕрцахстӕуыд сырды, стӕй сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыд судзгӕ сондоны цадмӕ.
2. Фессалоникийцам
1 2 3
Выбор основного перевода