Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Фессалоникийцам
1 2 3
Параллельные места
Ӕмӕ Йӕ Хуыцау афтӕ сбӕрзонд кодта, ӕмӕ Йын радта ӕппӕт нӕмттӕй дӕр уӕлдӕр ном, Цӕмӕй Йесойы номы раз сӕ зонгуытыл ӕрлӕууой, уӕларвы, зӕххыл ӕмӕ дӕлдзӕх чи ис, уыдон иууылдӕр, Ӕмӕ алчидӕр ӕргомӕй зӕгъа: Йесо Чырысти Хицау у. Уый уыдзӕни Фыд-Хуыцауы кадӕн. Уӕдӕ, мӕ хъӕбул, дӕхи фидар кӕн, Йесо Чырыстийы руаджы кӕмӕй схайджын стӕм, уыцы хорзӕхӕй. Сызгъӕрин бафӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр фесӕфы; сызгъӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд. Рӕзут нӕ Хицау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй хайджынӕй, тырнут ноджы Йӕ хуыздӕр базонынмӕ. Кад Ын уӕд абон дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр! Амен.
2. Фессалоникийцам
1 2 3
Выбор основного перевода