Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Фессалоникийцам
1 2 3
Параллельные места
Уый цы бон фехъуыстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ мах дӕр иудадзыг кувӕм сымах тыххӕй ӕмӕ курӕм, цӕмӕй уын Хуыцау Йӕ Уды фӕрцы ратта ӕппӕт зонд ӕмӕ ӕмбарынад, ӕмӕ Йын ӕххӕстӕй базонат Йӕ фӕндон. Мах уеппӕты тыххӕй дӕр кӕддӕриддӕр арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, ӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд нӕ рох нӕ вӕййут. Нӕ Фыд Хуыцауы раз мах иудадзыг нӕ зӕрдыл дарӕм, уырнындзинад кӕмӕ разӕнгард кӕны, уӕ уыцы хъуыддӕгтӕ, уарзт кӕмӕ аразы, уӕ уыцы фӕллой, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ныфсӕй фӕразон кӕй стут, уый. Уӕ уавӕр ӕвдисӕн у, Хуыцауы ӕнӕхӕрам тӕрхон кӕй ралӕудзӕн, уымӕн – сымах нымад ӕрцӕудзыстут, кӕй сӕраппонд хъизӕмар кӕнут, Хуыцауы уыцы Паддзахадӕн аккагыл. Уӕвгӕ дын Сардисы ис, йӕ дарӕс чи нӕ фӕчъизи кодта, ахӕм цалдӕр адӕймаджы. Уыдон урс-урсид дарӕсы цӕудзысты Мемӕ, уымӕн ӕмӕ сты уый аккаг.
2. Фессалоникийцам
1 2 3
Выбор основного перевода