Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Фессалоникийцам
1 2 3
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн Йӕ Фыды намысимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр ратдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ. Уыцы ныхӕстӕ зӕгъыны фӕстӕ сӕ цӕстыты раз Йесойы систӕуыд, ӕврагъ Ӕй ӕрбатыхта ӕмӕ Йӕ апостолтӕ нал федтой. Йесо уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр куы цыд ӕмӕ сӕ цӕстытӕ арвӕй куы нал истой, уӕд ӕваст сӕ разы февзӕрд дыууӕ лӕджы урс-урсид дарӕсы, Ӕмӕ загътой: «Галилейаг лӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Сымахӕй уӕлӕрвтӕм Кӕй систӕуыд, уыцы Йесо ӕрыздӕхдзӕн, ныртӕккӕ Йӕ уӕлӕрвтӕм ацӕугӕ куыд федтат, афтӕ». Уымӕн ӕмӕ уӕларвон бардзырд ӕмӕ архангелы хъӕлӕс куыддӕр райхъуысой, Хуыцауы сыкъауадындз куыддӕр ныууаса, афтӕ Хицау Йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй, ӕмӕ райгас уыдзысты, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон. Уӕд ныхмӕлӕууӕг раргом уыдзӕн, ӕмӕ йӕ Хицау Йесо амардзӕн Йӕ комытӕфӕй, бынсӕфт ӕй фӕкӕндзӕн Йӕ намысджын ӕрцыдӕй. Уыдоны тыххӕй пехуымпариуӕг кодта Адамы байзӕддаджы ӕвдӕм фӕлтӕрӕй Енох дӕр: «Мӕнӕ фӕцӕуы Хицау Йӕ ӕнӕнымӕц сыгъдӕг зӕдтимӕ
2. Фессалоникийцам
1 2 3
Выбор основного перевода