7
Уӕдӕ Уый сымахӕн, уырнджытӕн, хӕзна у, ӕнӕуырнджытӕн та у, «аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, фӕлӕ сӕрӕвӕрӕн чи сси», «кӕуыл фӕкӕлынц ӕмӕ ахауынц, уыцы дур».
Йесо сын загъта: «Ау, Сыгъдӕг Фысты никуы бакастыстут: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси сӕрӕвӕрӕн. Уый Хуыцауы фӕндӕй у, ӕмӕ уыцы диссаг мах уынӕм"?
„Сымах, аразджытӕ, кӕуыл нӕ барвӕссыдыстут, фӕлӕ сӕрӕвӕрӕн чи сси", Йесо уыцы дур у, ӕмӕ ӕндӕр ирвӕзынгӕнӕг нӕй.