Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Сымах та Мын уыдзыстут лӕггадгӕнджыты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм“. Уыцы ныхӕстӕ радзур бӕлвырд израилаг адӕмӕн». Хуыцау уӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: уӕхи Йын ӕрхӕссут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ фӕндиаг нывондӕн. Уый уыдзӕн, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уӕ уыцы куыст Хуыцауӕн. Ӕппӕт бӕстыхайыл Уый хӕцы, ӕмӕ бӕстыхай рӕзы, Хицауы сыгъдӕг кувӕндон куыд суа, афтӕ. Чырыстиимӕ иугондӕй, сымахӕй дӕр Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ амадӕуы цӕрӕн хӕдзар Хуыцауӕн. Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон.
Выбор основного перевода