Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Хуыцау уӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: уӕхи Йын ӕрхӕссут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ фӕндиаг нывондӕн. Уый уыдзӕн, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уӕ уыцы куыст Хуыцауӕн. Зӕгъын уын, цӕрут Удӕн коммӕгӕсӕй, ӕмӕ уӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгты фӕдыл нӕ цӕудзыстут. Уымӕн ӕмӕ Уды цы фӕнды, уый тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды нӕ фӕнды, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уый та Уды нӕ фӕнды. Уыдон кӕрӕдзи ныхмӕ сты, ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый нӕ кӕнут. Чырыстийы чи у, уыдон сӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд байтыгътой йӕ чъизи бӕллицтимӕ ӕмӕ мондӕгтимӕ. Уӕдӕ сымах ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ нал стут, фӕлӕ сыгъдӕджыты ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ Хуыцауы хӕдзаронтӕ. Кӕрӕдзийыл цъыф ма калут, ӕфсымӕртӕ. Йе 'фсымӕрыл цъыф чи калы кӕнӕ йе 'фсымӕрӕн чи тӕрхон кӕны, уый цъыф калы ӕгъдауыл ӕмӕ йын тӕрхон хӕссы. Кӕд ӕгъдауӕн тӕрхон хӕссыс, уӕд ӕгъдау ӕххӕстгӕнӕг нӕ дӕ, фӕлӕ тӕрхонгӕнӕг.
Выбор основного перевода