Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Мах амардыстӕм тӕригъӕдӕн, уӕд ма тӕригъӕдимӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм? Ӕмӕ кӕд иугӕр Чырыстиимӕ амардыстӕм, уӕд ӕууӕндӕм, цӕргӕ дӕр Йемӕ кӕй кӕндзыстӕм, ууыл. Афтӕ сымах дӕр тӕригъӕдӕн уӕхи нымайут мардыл, Хуыцауӕн та удӕгасыл, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стут, уый фӕрцы. Ныр та уӕ бафидауын кодта Йемӕ, Чырысти адӕймаджы буары кӕй амард, уый фӕрцы, цӕмӕй Хуыцауы раз уат сыгъдӕг, ӕнаипп ӕмӕ ӕнӕфау. Афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕн тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ. Тӕригъӕдтӕ барст куы уой, уӕд уыдоны тыххӕй нывонд хӕссын нал хъӕуы. Йесо тӕригъӕдтӕ ахӕссыны тыххӕй кӕй фӕзынд, уый сымах зонут. Йӕхӕдӕг та тӕригъӕдджын ницӕмӕй у.
Выбор основного перевода