Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесӕры». Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн». Алы адӕймаг дӕр уӕд уӕлдӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй чи нӕу, ахӕм хицауад нӕй. Цы хицауӕдтӕ ис, уыдон Хуыцауы ӕвӕрд сты. Уымӕ гӕсгӕ хицауады ныхмӕлӕууӕг Хуыцауы уагӕвӕрды ныхмӕ цӕуы. Ахӕмтӕ сӕхӕдӕг сӕхи фӕкӕндзысты тӕрхоны амӕддаг. Хицӕуттӕй тӕссаг у, хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн нӕ, фӕлӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн. Фӕнды дӕ хицауадӕй нӕ тӕрсын? Араз хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕ раппӕлдзӕн. Уымӕн ӕмӕ хицау Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ дӕ фарнӕн кусы. Кӕд ӕвзӕр митӕ кӕныс, уӕд дзы тӕрс – цирхъ дзӕгъӕлы нӕ дары, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ ӕфхӕры, ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыдоны. Уӕдӕ коммӕ кӕсын хъӕуы канд ӕфхӕрд баййафыны тасӕй нӕ, фӕлӕ де 'фсарммӕ гӕсгӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ сымах фидут хъалон дӕр, уымӕн ӕмӕ хицӕуттӕ сӕ хӕстӕ ӕнувыдӕй кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕй Хуыцауӕн кусынц. Уӕдӕ кӕмӕн цы ӕмбӕлы, уый йын дӕттут: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн – хъалон, фиддон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн – фиддон, нымайын кӕй ӕмбӕлы, уый нымайут, кад кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн кӕнут кад. Сӕ зӕрдыл сын лӕууын кӕн, цӕмӕй коммӕ кӕсой хицӕуттӕ ӕмӕ ӕлдариуӕггӕнджытӕн, алы хорз хъуыддагмӕ дӕр уой цӕттӕ,
Выбор основного перевода