Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл. Уый фӕстӕ сеппӕтӕн дӕр загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, алы бон дӕр-иу райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ цӕуӕд Мӕ фӕдыл. Мӕнӕн чи кусы, уый Мӕ фӕдыл хъуамӕ цӕуа, ӕмӕ Ӕз кӕм дӕн, уым уыдзӕн Мӕ кусӕг дӕр. Мӕнӕн чи кусы, уыцы адӕймагӕн скад кӕндзӕн Мӕ Фыд. Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ. Цӕмӕй уыцы зынты сымахӕй мачи фӕцуда. Зынтӕ бавзарын нын нысангонд кӕй у, уый уӕхӕдӕг хорз зонут – Куы уӕм уыдыстӕм, уӕд дӕр уын рагацау дзырдтам, кӕй нӕ ӕфхӕрдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый ныр уӕхӕдӕг уынут.
Выбор основного перевода