Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесойы тыххӕй уемӕ фӕразонӕй тухӕнтӕ чи ӕвзары, сымахимӕ Йӕ Паддзахады хай чи райсдзӕн, ӕз уӕ уыцы ӕфсымӕр Иоанн дӕн. Хуыцауы ныхас кӕй амыдтон ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн кӕй лӕууыдтӕн, уый тыххӕй ӕз хаст уыдтӕн, Патмос чи хуыйны, уыцы сакъадахмӕ. Залиаг калм смӕсты сылгоймагмӕ ӕмӕ ацыди, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн чи лӕууы, сылгоймаджы уыцы иннӕ цотимӕ схӕцынмӕ. Нывондхӕссӕны цурӕй рацыд, артыл кӕй бар цӕуы, уыцы зӕд ӕмӕ цыргъ ӕхсырф цы зӕдмӕ уыди, уымӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз дӕ цыргъ ӕхсырф ӕмӕ зӕххыл бафснай сӕнӕфсир, уымӕн ӕмӕ йӕ гагатӕ срӕгъӕд сты». Нывондхӕссӕнӕй мӕм райхъуыст: «О, Дунедарӕг Хицау Хуыцау, раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Дӕ тӕрхӕттӕ». Ӕз федтон паддзахы бадӕнтӕ; бадтысты сыл, тӕрхон кӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыдон. Ӕз федтон, Йесойӕн ӕвдисӕны ӕмӕ Хуыцауы ныхас амоныны тыххӕй кӕй сӕртӕ акъуырдтой, уыдоны удтӕ; уыдон нӕ бакуывтой сырдмӕ ӕмӕ йӕ сурӕтмӕ, сӕ тӕрныхтыл ӕмӕ сӕ къухтыл сырды нысан нӕ сӕвӕрдтой. Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзахиуӕг кодтой мин азы.
Выбор основного перевода