Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕппӕт уыдӕттӕ арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕртты райдайӕнау уыдзысты. Ӕхсӕзӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта Евфраты стыр цӕугӕдонмӕ ӕмӕ дзы дон нал баззад, паддзӕхтӕн скӕсӕнӕй фӕндаг куыд байгом уа, афтӕ. Ӕмӕ залиаг калмы дзыхӕй, сырды дзыхӕй ӕмӕ мӕнгпехуымпары дзыхӕй рацӕугӕ федтон, галхӕфсыты хуызӕн чи уыд, ахӕм ӕртӕ ӕнӕзӕгъинаджы – Диссӕгтӕ чи ӕвдисы, уыцы дӕлимонты. Уыдон рацыдысты ӕппӕт дунейы паддзӕхтӕм, Дунедарӕг Хуыцауы стыр бонмӕ сӕ тохмӕ ӕрӕмбырд кӕнынмӕ. «Мӕнӕ фӕцӕуын хуыснӕгау. Тӕхудиаг у, фынӕй чи нӕу, бӕгънӕгӕй куыд нӕ цӕуа ӕмӕ йын йӕ худинаг куыд мачи фена, йӕ дарӕс афтӕ сыгъдӕгӕй чи дары, уыцы адӕймаг». Ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон цы бынат хуыйны, уырдӕм. Ӕвдӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта уӕлдӕфмӕ, ӕмӕ Кувӕндонӕй, паддзахы бадӕнӕй, райхъуыст хъӕрӕй дзурӕг хъӕлӕс: «Сӕххӕст!» Ӕз федтон арвы дуар гомӕй ӕмӕ Барӕджы урс бӕхыл. Барӕджы хонынц Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Йӕ тӕрхон ӕмӕ Йӕ тох. Барӕджы цӕстытӕ сты пиллон артау, Йӕ сӕрыл – бирӕ кадыхудтӕ. Фыст Ыл ис, ӕрмӕстдӕр Йӕхӕдӕг кӕй зоны, ахӕм ном. Ис Ыл тугӕйдзаг пӕлӕз; Йӕ ном: Хуыцауы Дзырд. Уӕларвон ӕфсад сыгъдӕг ӕмӕ уӕздан кӕттагӕй урс-урсид дарӕсы урс бӕхтыл цыди Йӕ фӕстӕ. Йӕ дзыхӕй зыны цыргъ цирхъ адӕмты цӕгъдынӕн. Уый сӕ здахдзӕн ӕфсӕн лӕдзӕгӕй; сӕндуцӕны къӕхтӕй дуцы Дунедарӕг Хуыцауы стыр фыдӕхы сӕн. Йӕ пӕлӕзыл, Йӕ синыл фыст у Йӕ ном: «Паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау». Ӕз федтон, хурыл чи лӕууыд, уыцы зӕды. Уӕлиӕутты цы мӕргътӕ тӕхы, уыдонмӕ сеппӕтмӕ дӕр зӕд ныхъхъӕр кодта: «Ратӕхут, ӕрӕмбырд ут Хуыцауы стыр куывдмӕ, Ӕмӕ бахӕрут паддзӕхты мӕрдтӕ, ӕфсӕддон разамонджыты мӕрдтӕ, тыхджынты мӕрдтӕ, бӕхты ӕмӕ барджыты мӕрдтӕ, ӕппӕт сӕрибар ӕмӕ цагъар, хуымӕтӕг ӕмӕ номдзыд адӕмы мӕрдтӕ». Ӕз федтон сырды ӕмӕ зӕххон паддзӕхты се 'фсӕдтимӕ. Уыдон ӕрӕмбырд сты Барӕгимӕ ӕмӕ Йе 'фсадимӕ хӕст самайынмӕ. Ӕмӕ ӕрцахстӕуыд сырды, стӕй сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыд судзгӕ сондоны цадмӕ. Иннӕтӕ та цагъды фесты, Барӕджы дзыхӕй цы цирхъ зынди, уымӕй, ӕмӕ мӕргътӕ иууылдӕр бафсӕстысты сӕ фыдӕй.
Выбор основного перевода