Фыццаг уӕларвон удгоймаг уыди домбайы хуызӕн, дыккаг удгоймаг – галы хуызӕн, ӕртыккаг удгоймагӕн йӕ цӕсгом уыдис адӕймаджы цӕсгомау, цыппӕрӕм удгоймаг уыди тӕхгӕ цӕргӕсы хуызӕн.
Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды чиныг райсыны ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ асӕттыны аккаг дӕ, уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыд нывондӕн, ӕмӕ Дӕ Тугӕй Хуыцауӕн балхӕдтай адӕм алы мыггаджы ӕмӕ ӕвзаджы, алы адӕмы ӕмӕ адӕмыхатты ӕхсӕнӕй,