Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Паддзахы бадӕны раз уыдис цыдӕр, авджын денджызы хуызӕн, дзӕнхъайау ирд. Паддзахы бадӕн кӕм уыди, уыцы бынаты хӕдастӕу ӕмӕ йӕ алыварс уыди цыппар уӕларвон удгоймаджы бирӕ цӕстытимӕ разӕй дӕр ӕмӕ чъылдымырдыгӕй дӕр. Фыццаг уӕларвон удгоймаг уыди домбайы хуызӕн, дыккаг удгоймаг – галы хуызӕн, ӕртыккаг удгоймагӕн йӕ цӕсгом уыдис адӕймаджы цӕсгомау, цыппӕрӕм удгоймаг уыди тӕхгӕ цӕргӕсы хуызӕн. Цыппар уӕларвон удгоймагӕй алкӕмӕн дӕр уыди фӕйнӕ ӕхсӕз базыры; алырдыгӕй дӕр ӕмӕ сӕ базырты бын дӕр уыди бирӕ цӕстытӕ. Ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнӕбанцайгӕйӕ дзурынц: «Чи уыд, Чи ис ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, уыцы Дунедарӕг Хицау Хуыцау сыгъдӕг у, сыгъдӕг у, сыгъдӕг у». Уӕд паддзахы бадӕны Бадӕджы рахиз къухы ӕз федтон дыууӕрдыгӕй дӕр фыст чиныг-тыхтон; ӕхгӕд уыдис авд мыхуырӕй. Ӕз федтон тыхджын зӕды. Уый хъӕрӕй бафарста: «Чи у ацы чиныджы мыхуыртӕ асӕттыны ӕмӕ йӕ байгом кӕныны аккаг?» Ӕмӕ нӕдӕр уӕларвы, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр зӕххы бын никӕй бон уыди чиныг байгом кӕнын ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый фенын. Ӕмӕ ӕз бирӕ фӕкуыдтон, уыцы чиныг байгом кӕныны ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый феныны аккаг кӕй ничи разынд, ууыл. Уӕд мын цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй иу загъта: «Ма ку, мӕнӕ фӕуӕлахиз Домбай Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, Давиды Ӕвзар. Уый асӕтдзӕн авд мыхуыры ӕмӕ байгом кӕндзӕн чиныг». Ӕз федтон: Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу лӕууыд Уӕрыкк, Йӕ алыварс та – цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры; ӕдде бакӕсгӕйӕ Уӕрыкк уыди, цыма Йӕ нывондӕн ӕрхастӕуыд, афтӕ. Уыдис Ын авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты – ӕппӕт зӕхмӕ кӕй рарвыстӕуыд, Хуыцауы уыцы авд уды. Уӕрыкк ӕрбацыд ӕмӕ паддзахы бадӕны Бадӕджы рахиз къухӕй райста чиныг. Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта, домбай куыд фембухы, афтӕ. Куы ныхъхъӕр кодта, уӕд дзуапп радтой авд ӕрвнӕрды. Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс. Ӕз цы хъӕлӕс фехъуыстон, уый уыди, фӕндырдзӕгъдджытӕ цыма сӕ фӕндыртыл цагътой, ахӕм. Ӕз фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс: «Аллилуйа! Дунедарӕг Хицау Хуыцау сси паддзах!
Выбор основного перевода