Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз федтон урс ӕврагъ ӕмӕ ӕврагъыл адӕймаджы фырты Халдихы бадгӕ, Йӕ сӕрыл – сызгъӕрин кадыхуд, Йӕ къухы – цыргъ ӕхсырф. Ӕз федтон арвы дуар гомӕй ӕмӕ Барӕджы урс бӕхыл. Барӕджы хонынц Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Йӕ тӕрхон ӕмӕ Йӕ тох. Барӕджы цӕстытӕ сты пиллон артау, Йӕ сӕрыл – бирӕ кадыхудтӕ. Фыст Ыл ис, ӕрмӕстдӕр Йӕхӕдӕг кӕй зоны, ахӕм ном. Ис Ыл тугӕйдзаг пӕлӕз; Йӕ ном: Хуыцауы Дзырд. Уӕларвон ӕфсад сыгъдӕг ӕмӕ уӕздан кӕттагӕй урс-урсид дарӕсы урс бӕхтыл цыди Йӕ фӕстӕ. Йӕ дзыхӕй зыны цыргъ цирхъ адӕмты цӕгъдынӕн. Уый сӕ здахдзӕн ӕфсӕн лӕдзӕгӕй; сӕндуцӕны къӕхтӕй дуцы Дунедарӕг Хуыцауы стыр фыдӕхы сӕн. Йӕ пӕлӕзыл, Йӕ синыл фыст у Йӕ ном: «Паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау».
Выбор основного перевода